Джеоргуыбайы хорзæх уæ уæд!
Нæ зынаргъ ирон адæм!
Стыр бæрæгбæттæ æрхæццæ сты! Æмæ Джеоргуыбайы хорзæх уæ уæд!
Рæссугъдæй рæссугъддæр уыл азæй азмæ цæуæт!
Хохæй быдырмæ цы дзуæрттæ ис уыдон уын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уой, ахæм амонд уын Стыр Хуыцау радтæт!
Уастырджи уын ахъаз кæнæд уе æппæтæн дæр æмае уæ йæ рахиз базыры бын дарæд!
Царды рæсугъд фæндæгтыл цæугæйæ, фыдбылызæй хызт ут!
Бирæ азты æнæнизæй, æнамастæй, хъæлдзæгæй æмæ зæрдæрухсæй уæ уарзон адæмимæ куыд бæрæг кæнут, Стыр Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд!!!
Уæ кувдта Хуыцаумæ фехъуысæнт!!!
Врио ректора О. К. Гогаев